Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕрдон Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдырмӕ бахӕццӕ ӕмӕ стыр дуры цур ӕрлӕууыд. Уыцы ран уӕрдон сугӕн ныссастой ӕмӕ хъуццыты Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 6:14
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Орнайы дзуапп уыди Давидӕн: «Цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый айсӕд мӕ бардарӕг паддзах ӕмӕ ӕрхӕссӕд йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг нывонд. Иууылсудзинагӕн — мӕнӕ галтӕ, сугӕн та — найгӕнӕн дзоныгътӕ ӕмӕ галты ӕфсондз.


Дыккаг бон райсомӕй израилӕгтӕ нывондхӕссӕн сарӕзтой, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


Елисей йӕ галтӕм бацыд ӕмӕ дзы дыууӕйы акусарт кодта. Уый фӕстӕ сын се ’фсондз сугӕн ныссаста ӕмӕ кусӕрттӕгтӕ сфыхта, дзидзатӕ та адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ фӕминас кодтой. Елисей йӕхӕдӕг та араст Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кодта.


Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы фыд азарӕй фервӕзтысты.


Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз».


Загъта мын: „Ауадз-ма мӕ. Сахары нӕ мыггаг нывонд хӕссы, ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕр йӕхӕдӕг сӕрвыста. Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд ныууайон ӕмӕ ме ’фсымӕрты фенон“. Уымӕ гӕсгӕ не ’рбацыди паддзахы фынгмӕ».


Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Бет-Шемешы цӕрджытӕ дӕлвӕзы мӕнӕу карстой. Фидыды Чырын куы федтой, уӕд бацин кодтой.


Цы сыгъзӕрин мыстытӕ снывонд кодтой, уыдон та уыдысты, фондз ӕлдарӕн дӕлбар чи уыди, уыцы филистимаг сахарты нымӕцмӕ гӕсгӕ — бырухгӕд чи уыди, канд уыцы сахартӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕбыру хъӕуты тыххӕй дӕр. Дунедарӕджы Фидыды Чырын цы стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой, уый ныр дӕр ма лӕууы Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдыры.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ