11 Уӕрдоны сӕвӕрдтой Дунедарӕджы Фидыды Чырын, стӕй, сыгъзӕрин мыстытӕ ӕмӕ къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп.
Хуыцауы Фидыды Чырын сӕвӕрдтой ног уӕрдоныл ӕмӕ йӕ раластой Авинадавы хӕдзарӕй, уӕлкъуыбырӕй. Уӕрдон бакодтой Авинадавы фырттӕ Узза ӕмӕ Ахйойы бар. Фидыды Чырынӕн йӕ разӕй цыди Ахйо.
Хуыцауы Фидыды Чырын ног уӕрдоны раластой Авинадавы хӕдзарӕй. Уӕрдон Узза ӕмӕ Ахйойы бар бакодтой.
Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.
Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ дыууӕ дуцгӕ хъуджы баифтыгътой уӕрдоны, сӕ родты та сын скъӕты ныууагътой.
Стуртӕ сӕ ных комкоммӕ Бет-Шемешмӕ сарӕзтой. Уасгӕ цыдысты уыцы иу фӕндагыл, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхтысты, нӕдӕр рахизӕрдӕм. Филистимы ӕлдӕрттӕ сӕ фӕдыл цыдысты суанг Бет-Шемешы арӕны онг.
Бафарстой та сӕ: «Цавӕр нывонд Ын хъуамӕ ӕрхӕссӕм?» Загътой сын: «Филистимаг ӕлдӕртты нымӕцмӕ гӕсгӕ фондз сыгъзӕрин къуызыры ӕмӕ фондз сыгъзӕрин мысты. Уымӕн ӕмӕ сымах дӕр ӕмӕ уе ’лдӕрттӕ дӕр иу ӕфхӕрд баййӕфтат.