Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 5:9
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Дунедарӕг сӕ Йӕ фыдӕхы хай бакодта, цагъта сӕ, цалынмӕ бынтон скуынӕг сты, уӕдмӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕджы коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ Йӕ фӕндоны ныхмӕ куы лӕууат, уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ паддзахы ныхмӕ.


Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».


Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.


Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.


Уӕрдоны сӕвӕрдтой Дунедарӕджы Фидыды Чырын, стӕй, сыгъзӕрин мыстытӕ ӕмӕ къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп.


Афтӕ саст ӕрцыдысты филистимӕгтӕ ӕмӕ Израилы арӕнтӕм нал бырстой. Дунедарӕг сӕ суанг Самуелы амӕлӕты онг уӕлӕмӕ скӕсын нал суагъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ