Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Арвыстой ӕмӕ Филистимы ӕлдӕртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы уынаффӕ кӕнӕм Израилы Хуыцауы Фидыды Чырынӕн?» Уыдон загътой: «Гатмӕ хаст ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Фидыды Чырын Гатмӕ ахастой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 5:8
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый фырт Завад, уый фырт Шутелах. Ефремӕн ма уыди дыууӕ фырты: Езер ӕмӕ Елад. Амардтой сӕ Гаты адӕм, уыцы бӕстӕйы бынӕттон цӕрджытӕ, адон сын сӕ фос ратӕрынмӕ кӕй ныццыдысты, уый тыххӕй.


Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?


Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.


Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй.


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Филистимаг ӕфсадӕй рацыд иу богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ ас — ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг.


Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг.


Уӕд Ахиш Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ, ӕмӕ мын ӕхсызгон уаид, ацы хӕстон балцы мемӕ куы цӕуис, уӕд. Ӕз дӕм де ’рбацыдӕй абонмӕ ӕвзӕрӕй ницы бафиппайдтон, фӕлӕ ӕлдӕртты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуыс.


Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.


Уый фенгӕйӕ, Ашдоды адӕм загътой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын махмӕ мауал уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы Хуыцау ӕгӕр карз у махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагонӕн дӕр».


Филистимӕгтӕ фӕдзырдтой сауджынтӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы бакӕнӕм Дунедарӕджы Фидыды Чырынӕн? Бацамонут нын, йӕ бынатыл ӕй куыд сӕмбӕлын кӕнӕм, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ