Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 5:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 5:6
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Къӕртгай ӕркалы их, чи бафӕраздзӕн Йӕ хъызтӕн?


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.


уӕд Дунедарӕг Йӕ къух сисдзӕни, быдырты дын цыдӕриддӕр фос ис, уымӕ — бӕхтӕм, хӕрджытӕм, теуатӕм, стуртӕм, сӕгътӕм ӕмӕ фыстӕм: карз емынӕ сыл сыстдзӕн!


Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.


Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.


Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.


Уый фенгӕйӕ, Ашдоды адӕм загътой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын махмӕ мауал уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы Хуыцау ӕгӕр карз у махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагонӕн дӕр».


Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ