12 Сахары цӕрджытӕй ма удӕгас чи уыди, уыдонӕн сӕ буар къуызыртӕй нал зынд, ӕмӕ адӕм ӕххуысагур дзынӕзтой уӕлӕрвтӕм.
Хазаелы кардӕй чи аирвӕза, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн Йегуйы къухӕй, Йегуйы кардӕй чи аирвӕза, уый та йӕ мӕлӕт ссардзӕн Елисейы къухӕй.
Уыцы ӕхсӕв фараон, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры адӕм иууылдӕр удаистӕй фестадысты сӕ хуыссӕнтӕй, зӕрдӕхалӕн хъарӕг ӕмӕ судзаджы ӕрдиагӕй байдзаг ис Мысыры бӕстӕ — алы хӕдзары дӕр уыди зиан.
Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.
Фыййӕуттӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Рӕгъауы фӕтӕгтӕ, уӕхиуыл рыг ӕркалут, уымӕн ӕмӕ уе ’ргӕвдыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ; ныххӕлиу уӕ кӕндзысты, ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ныппырх уыдзыстут.
Хоронаимӕй хъарӕг хъуысы: ныззыгуым ис, хӕлӕттаг фӕци!
Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын Филистимы зӕххыл фӕци авд мӕйы.
«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».