Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуатмӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ цины хъӕр афтӕ тынг ныййазӕлыд, ӕмӕ зӕхх ныррызти.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 4:5
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым лӕууыди Цадок дӕр, йемӕ — Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕ. Фидыды Чырын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Давидимӕ сахарӕй чи рацыди, уыцы адӕм Кедроны фаллаг фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ Авиафар иууылсудзинаг нывӕндтӕ хаста.


Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти.


ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?


Уӕ зӕрдӕ ма дарут мӕнг ныхӕстыл: „Ам ис Дунедарӕджы Кувӕндон!“


Сымах бӕллӕхы бонӕн дард ӕнхъӕл стут ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ уымӕн нӕ уадзут.


Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.


Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.


Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».


Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.


Уый фехъусгӕйӕ, филистимӕгтӕ скатай сты: «Цӕй цины хъӕр хъуысы уый дзуттӕгты рӕсӕнуаты ’рдыгӕй?» Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуаты ис, уый куы базыдтой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ