22 Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».
О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!
Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».
Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.
Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.
Йӕ сабийы схуыдта Ихавод, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ.
Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ