Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 4:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Йӕ сабийы схуыдта Ихавод, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 4:21
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ ныхас рарвыста, ӕмӕ сдзӕбӕх сты, фервӕзтысты мӕлӕтӕй.


Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!


Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.


О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе ’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый.


Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.


Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.


Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.


Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ