16 Хабархӕссӕг Елиайӕн загъта: «Тохы быдырӕй ӕрбахӕццӕ дӕн, тӕккӕ абон ралыгътӕн уырдыгӕй». Елиа бафарста: «Цы ’рцыди, мӕ хъӕбул?»
Давид ын загъта: «Цы ’рцыди? Хабар мын бӕлвырд радзур». Ӕмӕ уый радзырдта: «Адӕм лидзӕг фесты тохы быдырӕй, цӕфтӕ ӕмӕ дзы мӕрдтӕ бирӕ уыд; фӕмард сты Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан дӕр».
Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.
Дунедарӕг та йӕм ногӕй фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, мӕ хъӕбул. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс».
Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израилы ӕфсад лидзӕг фесты филистимӕгтӕй, фӕцагъды сты нӕ адӕм, дӕ дыууӕ фырты — Хофни ӕмӕ Пинхас — фӕмард сты, Хуыцауы Фидыды Чырын та знаджы къухмӕ бахауд».