20 Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.
Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.
Цӕмӕй Саулы хӕдзары паддзахдзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, ӕмӕ Давид паддзахиуӕг кӕна Израил ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг».
Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.
Фӕлӕ дӕ рагуац куы сӕххӕст уа, — ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнын райдыдта, — уӕд базондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый».
Уӕ фырттӕй-иу уын равзӕрстон пехуымпартӕ, уӕ лӕппутӕй-иу снывонд кодтон Мӕхицӕн. Афтӕ нӕу, Израил? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Афтӕ рацыд цыппарсӕдӕ фӕндзай азы. Уый фӕстӕ сын, пехуымпар Самуелы заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ.
Чи зоны, ды дӕхинымӕр зӕгъай: „Ӕмӕ куыд базондзыстӕм мах, Дунедарӕгӕй чи нӕ рацыди, уыцы ныхас?“
Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,
Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.