Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 3:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 3:18
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»


Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».


Езекиа дзуапп радта Исайайӕн: «Дунедарӕджы ныхас, — ныртӕккӕ кӕй фехъусын кодтай, уый, — фарны уац». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»


Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын, ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»


«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.


Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, Де ’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».


Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном.


Езекиа загъта: «Дунедарӕджы дзырд рӕстдзӕвин у». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»


Йеремиа ацы ныхӕстӕ иууылдӕр Йерусалимы иудейаг паддзах Цедекиайӕн фехъусын кодта.


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».


Пехуымпар Йеремиа сын дзуапп радта: «Хорз, ӕз скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, сӕххӕст уын кӕндзынӕн уӕ курдиат. Дунедарӕг уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕндзынӕн, иу дзырд дӕр дзы нӕ басусӕг кӕндзынӕн».


Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!


Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.


Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.


Израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн загътой: «Тӕригъӕд ракодтам. Цы Дӕ фӕнды, уый нын сараз, ӕрмӕст нӕ ныр фервӕзын кӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ