Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 3:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Елиа загъта: «Цы дын загъта? Ма йӕ басусӕг кӕн, зӕгъ мын ӕй. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма дын ноджы фыддӕртӕ фӕуыдзӕни Хуыцау, цы дын загъта, уыдонӕй мӕ исты куы бамбӕхсай, уӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 3:17
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах ын дзуапп радта: «Цӕмӕй дӕ бафӕрсон, уый мӕ ма басусӕг кӕн». Сылгоймаг загъта: «Дзур, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах».


Амасайӕн дӕр зӕгъут: „Ды мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ, ӕви? Хуыцау мын афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, цӕрӕнбонтӕм мын Йоавы бӕсты ды ӕфсады хицау куынӕ уай, уӕд!“»


Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!»


Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон!


Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»


Паддзах расомы кодта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Шафаты фырт Елисейы сӕр ма абон йӕ гуырыл куы баззайа, уӕд!»


Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».


Пехуымпар Йеремиа сын дзуапп радта: «Хорз, ӕз скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, сӕххӕст уын кӕндзынӕн уӕ курдиат. Дунедарӕг уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕндзынӕн, иу дзырд дӕр дзы нӕ басусӕг кӕндзынӕн».


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ау, Дунедарӕг быхсаг нал у? Ау, ахӕм сты Йӕ хъуыддӕгтӕ? Раст адӕймагӕн Мӕ ныхӕстӕ сты фарны хос.


Ацыди Балаам Балакмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ иууылсудзинаджы уӕлхъус лӕууы, йӕ разы — Моавы уӕздӕттӕ. Бафарста Балак: «Цы загъта Дунедарӕг?»


Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»


Ды кӕм амӕлай, уым ӕз дӕр амӕлдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыцы ран баныгӕндзысты. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг, адзалӕй дарддӕр мӕ исты куы фӕхицӕн кӕна дӕуӕй».


Саул загъта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ды, Ионатан, куынӕ амӕлай, уӕд!»


Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг Ионатанӕн, кӕд дын мӕ фыды зӕрды фыдми бакӕнын ис, ӕмӕ дӕм ӕй куынӕ фӕхабар кӕнон ӕмӕ дӕ куынӕ ауадзон, уӕд, цӕмӕй ацӕуай ӕдасӕй. Дунедарӕг дыл аудӕд, мӕ фыдыл куыд аудыдта, афтӕ!


Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Навалы хӕдзаронтӕй абонӕй райсоммӕ иу нӕлгоймаг дӕр куы ныууадзон!»


фӕлӕ Елиа Самуелмӕ фӕдзырдта: «Самуел, мӕ хъӕбул!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ