Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 3:12
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уӕд алы адӕймаг дӕр базондзӕн, Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй кӕй сластон ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ кӕй нал раздӕхдзӕн, уый.


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?


Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.


Фӕлӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй алкӕцы дӕр куыд сӕххӕст кодта, афтӕ сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ алы ӕртхъирӕн ныхас дӕр, цалынмӕ уӕ, цы дзӕбӕх зӕхх уын радта, уырдыгӕй фесафа, уӕдмӕ.


Израилӕгтӕ хӕцыдысты дарддӕр, цалынмӕ ханаанаг паддзах Йавин ӕмӕ йӕ адӕмы бынтондӕр ныццагътой, уӕдмӕ.


Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.


Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израилы ӕфсад лидзӕг фесты филистимӕгтӕй, фӕцагъды сты нӕ адӕм, дӕ дыууӕ фырты — Хофни ӕмӕ Пинхас — фӕмард сты, Хуыцауы Фидыды Чырын та знаджы къухмӕ бахауд».


Йӕ сабийы схуыдта Ихавод, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ.


Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ