10 Дунедарӕг ӕрбацыди, ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй фӕсидти: «Самуел! Самуел!» Самуел дзуапп радта: «Дзур, хъусы Дӕм Дӕ цагъар».
Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»
Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон.
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Израилы Ӕз ахӕм хъуыддаг саразынмӕ хъавын, ӕмӕ йӕ чи фехъуса, уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты.
Самуел та схуыссыд. Райсомӕй байгом кодта Дунедарӕджы хӕдзары дуӕрттӕ. Дунедарӕгӕй цы фехъуыста, уый нӕ уӕндыд Елиайӕн схъӕр кӕнын,
Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм Дунедарӕг Йӕхи дарддӕр дӕр ӕргом кодта Силомы.
Дунедарӕг та йӕм ӕртыккаг хатт дӕр фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уӕд Елиа бамбӕрста, лӕппумӕ Дунедарӕг кӕй дзырдта, уый,
ӕмӕ загъта Самуелӕн: «Ацу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс. Куы ма дӕм дзырдӕуа, уӕд-иу зӕгъ: „Дзур, Дунедарӕг, хъусы Дӕм Дӕ цагъар“». Самуел ацыд ӕмӕ йӕ бынаты схуыссыд.