4 Филистимӕгтӕ ӕмбырдӕй ӕрцыдысты Шунеммӕ ӕмӕ уым рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Саул дӕр фӕсидти ӕппӕт израилӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбынат кодтой Гилбоайы хохыл.
О Гилбоайы хӕхтӕ! Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада, къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа, уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной — уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт — Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис!
Лӕппу загъта: «Ӕнӕнхъӕлӕджы бафтыдтӕн Гилбоайы хохмӕ ӕмӕ федтон, Саул йӕ арцыл куыд ӕрӕнцой кодта ӕмӕ йӕм тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ куыд баввахс сты, уый.
Давид ацыди ӕмӕ галаадаг Иавешы цӕрджытӕй райста Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытӕ. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ филистимӕгтӕ Гилбоайы цур Саулы ӕфсадыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Саул ӕмӕ Ионатаны мӕрдтӕ Бет-Шеаны сахары фӕзы ӕрцауыгътой, ӕмӕ сӕ Иавешы цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой.
Израилы къуымты зилын байдыдтой рӕсугъд чызг агурӕг. Шунемы сахары йыл фӕхӕст сты — Авишаг, зӕгъгӕ, йӕ ном — ӕмӕ йӕ ӕрбалӕууын кодтой паддзахмӕ.
Иуахӕмы Елисей бацыди Шунемы сахармӕ. Уым ӕй иу бонджын сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта ӕмӕ йын фынг ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Елисей ууылты куы рацӕйцыд, уӕд-иу ӕм алы хатт дӕр бауад исты акомдзаг кӕнынмӕ.
Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Изреел, Кесуллот, Шунем,
Саул филистимӕгты ӕфсад куы федта, уӕд фыр тӕссӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта.
Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл.
Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты.