4 Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Гатмӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ нал агуырдта.
Йӕ адӕм ӕмхуызонӕй, се ’хсӕн — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ, цыдысты йӕ фарсмӕ; Гатӕй йемӕ цы ӕхсӕзсӕдӕ гатаджы рацыди, уыдон та иууылдӕр цыдысты йӕ разӕй.
Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн».
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрцардысты Гаты, Ахишмӕ, алчидӕр — ӕд бинонтӕ. Давид царди йӕ дыууӕ усимӕ — изреелаг Ахиноамимӕ ӕмӕ Навалы идӕдз кармелаг Авигеамӕ.
Давид Ахишмӕ бахатыд: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын чысыл сахартӕй иуы ратт бынат, ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзынӕн. Дӕ цагъар демӕ, паддзахы сахары, цӕмӕн хъуамӕ цӕра?»