2 Уыйадыл Давид йӕ адӕмимӕ, ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ, бацыди Маохы фырт Ахишмӕ, Гаты паддзахмӕ.
Ацы ӕхсарджынтӕ Давидмӕ ӕрцыдысты Циклагмӕ, уый ма Кишы фырт Саулӕй йӕхи куы ’мбӕхста, уӕд. Хӕсты заман-иу ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ —
Тӕккӕ уыцы бон Давид, Саулӕй лидзгӕйӕ, араст ис дарддӕр, ӕмӕ Гаты паддзах Ахишмӕ бацыд.
Ахишӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уый Давид куы у, амы паддзӕхтӕй иу! Ууыл зарыдысты, кафгӕйӕ: „Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ“?»
Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ кард йӕ астӕуыл бабӕттӕд». Ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ кард йӕ астӕуыл бабаста, Давид йӕхӕдӕг дӕр. Давиды фӕдыл ацыд иу-цыппарсӕдӕ лӕджы, дыууӕсӕдӕйӕ та асадӕны баззадысты.
ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».
Давид ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ араст ис, ӕмӕ Бесоры тӕрфмӕ бахӕццӕ сты.