12 Ахиш ӕууӕндыди Давидыл ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Уый ахӕм уӕнгӕл фестад йӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕмӕ мын мыггагмӕ уыдзӕни лӕггадгӕнӕг».
Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»
Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.
ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».
Ӕппӕт Израилы дӕр куы фехъуыстой, Саул ныддӕрӕн кодта филистимӕгты ӕфсады къорд, ӕмӕ Израил филистимӕгтӕн бынтондӕр фенӕуынон ис, уӕд адӕм Саулмӕ ӕрӕмбырд сты Гилгалы сахармӕ.
Давид-иу нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй се ’ппӕты дӕр амардта. Гатмӕ-иу дзы никӕй ӕрбакодта, науӕд, дам, нӕ банымудздзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта Давид». Ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст уыд ӕдзухдӕр Давид, филистимӕгты зӕххыл куы царди, уӕд.
Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой се ’фсад Израилимӕ схӕцынмӕ. Ахиш загъта Давидӕн: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зондзынӕ, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр мемӕ хӕстмӕ цӕугӕ кӕй у, уый».