Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 27:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 27:10
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».


Авессаломы дӕлдӕртӕ сылгоймагмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕм сты Ахимаац ӕмӕ Йонатан?» Уый сын загъта: «Доны сӕрты ахызтысты». Авессаломы дӕлдӕртӕ рацагур-бацагур фӕкодтой, фӕлӕ ницы ссардтой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты Йерусалиммӕ.


Есромы фыццаг зӕнӕг Йерахмеелы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Рам, уый дӕле — Буна, Орен, Оцем, Ахийа.


Есромы фырттӕ: Йерахмеел, Рам ӕмӕ Келувай.


Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.


Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон!


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты.


Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе ’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта.


Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.


Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.


Давид Ахимелехӕн дзуапп радта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын загъта: „Цӕмӕ дӕ ’рвитын ӕмӕ дын цы фӕдзӕхсын, уый мачи базонӕд“. Мӕ адӕмы та бӕрӕг ранмӕ барвыстон.


Уыцы заман Саулмӕ фӕзынд уацхӕссӕг ӕмӕ йын загъта: «Фӕтагъд кӕн, филистимӕгтӕ нын нӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой».


Давид-иу нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй се ’ппӕты дӕр амардта. Гатмӕ-иу дзы никӕй ӕрбакодта, науӕд, дам, нӕ банымудздзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта Давид». Ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст уыд ӕдзухдӕр Давид, филистимӕгты зӕххыл куы царди, уӕд.


Давид Ахишӕн загъта: «Цы ракодтон? Лӕггад дын кӕдӕй нырмӕ кӕнын, уӕдӕй тӕккӕ абонмӕ дӕ цагъармӕ гуырысхойагӕй цы бафиппайдтай? Цӕуылнӕ хъуамӕ ацӕуон мӕ бардарӕгӕн, мӕ паддзахӕн йе знӕгтимӕ хӕцынмӕ?»


Рахалмӕ, йерахмеелонты сахартӕм, кенӕгты сахартӕм,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ