9 Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».
Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?»
Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».
Давид ын дзуапп радта: «Цы мӕ агурут, Церуайы фырттӕ? Мӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ цӕмӕн ныллӕууыдыстут? Ахӕм бон марыны тӕрхон скӕнӕн куыд ис Израилы? Израилы паддзах кӕй дӕн, уый та ныртӕккӕ мӕхи цӕстӕй куы уынын!»
ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат, фӕлӕ сыл рын бафтыдта.
Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд.
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, кӕд, цы не ’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон, фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон,
Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.
Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».
Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни».