8 Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни».
Церуайы фырт Авишай паддзахӕн загъта: «Ацы хӕдмӕл куыдз мын мӕ хицауы, паддзахы, цӕмӕн ӕлгъиты? Ныртӕккӕ йын йӕ сӕр атӕхын кӕндзынӕн!»
«Ӕз дӕ зонды къахыл сӕвӕрдзынӕн фӕндаг дын бацамондзынӕн. Ӕз дӕ размӕ кӕндзынӕн, Мӕ цӕст дӕм дардзынӕн.
Уӕд Кареахы фырт Йоханан Мицпайы Гедалиайӕн сусӕгӕй загъта: «Бар ратт, цӕмӕй ӕз ацӕуон ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы амарон. Ничи йӕ базондзӕн. Цӕмӕн хъӕуы уый ӕруадзын, цӕмӕй дӕ амара ӕмӕ, дӕ алыварс цы иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон фӕстӕмӕ ныххӕлиу уой, стӕй, чи ма дзы аирвӕзт, уыдон дӕр фесӕфой?»
Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ цӕмӕн аразут? Ныццӕгъддзӕн уӕ, ӕмӕ знаг ногӕй нал сыстдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы хивӕнддзинадӕн уацайрӕгтӕ скодта, цӕмӕй ныббара се ’ппӕтӕн дӕр.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.
Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.
Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,
ӕмӕ йын йӕ адӕм загътой: «Мӕнӕ дын Дунедарӕг цы боны кой кодта, уый, де знаджы дын дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ цы бафӕнда, уый-иу ын бакӕн, зӕгъгӕ». Давид бахъуызыди ӕмӕ Саулы пӕлӕзы фӕччи аивӕй ралыг кодта.
Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын.
Давид ӕмӕ Авишай ӕхсӕвыгон Саулы рӕсӕнуатмӕ бахъуызыдысты. Саул фынӕй кодта рӕсӕнуаты астӕу, йӕ арц йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй зӕххы сагъд, афтӕмӕй, Авнер дӕр ӕфсадимӕ хуыссыдысты йӕ алыварс.
Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».