Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 26:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 26:6
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рефаимтӕ,


Стӕй Авраам сыстади марды цурӕй ӕмӕ хеттӕгтӕн загъта:


Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы.


Иеруббаалы фырт Авимелех дӕр Тевецы афтӕмӕй нӕ фӕмард? Цыдӕр сылгоймаг ыл сисы сӕрӕй куыройы фыды къӕртт ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ амардта! Сисмӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут?“ Ды-иу ын дзуапп ратт: „Дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр фӕмард“».


Уӕд нӕ ӕрдынджынтӕ сисы сӕрӕй фатӕй ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ паддзахы цагъартӕй бирӕ фӕмард ис. Нал ис дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр».


Давид арвыста Йоавмӕ: «Рарвит мӕм хеттаг Уриайы». Йоав ӕм ӕй рарвыста.


Цӕмӕн суӕлӕхох дӕ Дунедарӕджы дзырдыл ӕмӕ Йын ӕнӕуынон цы у, уый цӕмӕн бакодтай? Хеттаг Уриайы мӕлӕтмӕ радтай, аммонӕгты къухӕй йӕ амардтай ӕмӕ йын йӕ усы дӕхи бакодтай.


Паддзах ныффӕдзӕхста Йоав, Авишай ӕмӕ Итайӕн: «Уыцы лӕппуйӕн мын, Авессаломӕн, мацы кӕнут». Паддзах хицӕуттӕн Авессаломы тыххӕй куы фӕдзӕхста, уӕд ӕй иннӕ адӕм дӕр фехъуыстой.


Церуайы фырт Йоав та рацыди Давиды хӕстонтимӕ. Гивоны цады цур фембӕлдысты, ӕмӕ иудейӕгтӕ цадӕн йӕ иу фарс ӕрлӕууыдысты, израилӕгтӕ та — йӕ иннӕ.


Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ’хсӕн уыди стыр кад.


маахайаг Ахасбайы фырт Елифелет; гилойаг Ахитофелы фырт Елиам;


хеттаг Уриа. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдз.


Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй, иу уӕрдоны аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхы аргъ та — ӕвзисты сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕм дӕр фӕхӕццӕ кодтой.


Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Ноджы ма сын загъта: «Цы диссаг ӕрцӕуа, уымӕй базондзыстут, уе ’хсӕн кӕй ис удӕгас Хуыцау ӕмӕ уын уӕ разӕй кӕй атӕрдзӕн ханаанӕгты дӕр, хеттӕгты дӕр, хиввӕгты дӕр, периззӕгты дӕр, гиргашӕгты дӕр, аморӕгты дӕр, йевусӕгты дӕр.


Давид ӕмӕ Авишай ӕхсӕвыгон Саулы рӕсӕнуатмӕ бахъуызыдысты. Саул фынӕй кодта рӕсӕнуаты астӕу, йӕ арц йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй зӕххы сагъд, афтӕмӕй, Авнер дӕр ӕфсадимӕ хуыссыдысты йӕ алыварс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ