22 Давид дзуапп радта: «Мӕнӕ — паддзахы арц. Дӕ адӕмӕй исчи ӕрбацӕуӕд ӕмӕ йӕ айсӕд.
Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн».
Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын.