Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 26:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Абон Дунедарӕгӕй дард ран, ӕдзӕрӕг быдыры, ма ныккӕлӕд мӕ туг! Израилы паддзах иунӕг ӕхсӕнкъ агурӕг рацыд, суры мӕ, раст цыма хуыргаркыл цуан кӕны хӕхты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 26:20
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: „Фыдлӕгӕй фыдракӕнд рацӕуы“. Фӕлӕ дӕм ӕз мӕ къух нӕ сисдзынӕн.


Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.


Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.


Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.


Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.


Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.


Ӕнаххос маргъы фӕдыл зилӕгау мӕ фӕдыл зилы знаг!


Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл, иунӕг ӕхсӕнчъы фӕдыл!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ