18 Ноджыдӕр ма загъта: «Мӕ паддзах йӕ цагъары фӕдыл цӕмӕн зилы? Цы ракодтон? Цӕмӕй дӕн аххосджын?
Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!
Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.
Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»
Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты фӕрӕдыдтӕн, уӕд ӕй зӕгъ. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»
Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут?
Ӕмӕ загъта Давид: «Омӕ цы ракодтон? Бафӕрсын аипп у?»
Давид алыгъди, Рамайы цур цы Найоты сахар ис, уырдыгӕй. Ионатанмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы ракодтон уагӕр? Цы аххос мӕм ис? Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн дӕ фыды раз, марынвӕнд мӕ цӕмӕн кӕны?»
Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.