7 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ паддзахмӕ, Дунедарӕджы байсӕрстмӕ, мӕ къух сисынӕй — уый Дунедарӕджы байсӕрст у».
Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?»
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, кӕд, цы не ’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон, фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон,
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».
Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.
Уыцы ныхӕстӕй Давид йӕ адӕмы баурӕдта, Саулмӕ бавналын сӕ нӕ бауагъта. Саул лӕгӕтӕй рахызти ӕмӕ йӕ фӕндагыл араст.
Арфӕгонд уӕд дӕ зонд, арфӕгонд у дӕхӕдӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ абон баурӕдтай туг ныккалынӕй ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсынӕй.
Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын.
Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».