Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 24:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 24:4
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йевосфеты сӕр бахастой Хевроны сахармӕ, паддзах Давидмӕ. Загътой йын: «Мӕнӕ, амарынмӕ дӕ чи хъавыди, уымӕн, де знаг Саулӕн, йӕ фырт Йевосфеты сӕр. Дунедарӕг мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕн йӕ маст райста Саул ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй».


Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.


Давиды псалом. О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ, ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз: Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд.


Ӕцӕг ын кӕд ӕнӕбары рауад ацы фыдми — Хуыцауы фӕндонӕй йын афтӕ рауад, — уӕд ын бацамондзынӕн, йӕ сӕр бафснайынмӕ кӕдӕм алидза, ахӕм бынат.


Давид уырдыгӕй Адулламы лӕгӕтмӕ алыгъд. Уый куы фехъуыстой йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йе ’ппӕт хионтӕ, уӕд ӕм уырдӕм ӕрцыдысты.


Загъта йын: «Ма тӕрс, нӕ дӕм баххӕсдзӕни мӕ фыд Саулы къух. Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ Израилӕн, ӕз та дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг уыдзынӕн. Уый мӕ фыд Саул дӕр зоны».


Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис».


Загъта Саулӕн: «Давид дын фыд ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ дын чи дзуры, уыдоны ныхӕстӕм цӕмӕн хъусыс?


Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй.


Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ