Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 23:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 23:9
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылӕйттӕм.


Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары раз.


Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».


Саул Ахийайӕн загъта: «Ӕрбахӕсс-ма Хуыцауы Фидыды Чырын». Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Фидыды Чырын израилӕгтӕм уыди.


Аирвӕзт ма ӕрмӕст Ахитувы фырт Ахимелехы фырттӕй иу, йӕ ном — Авиафар. Алыгъди ӕмӕ Давидимӕ баиу.


Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Дӕ цагъар фехъуыста, Саул Кеиламӕ ӕрцӕуинаг кӕй у ӕмӕ мӕн тыххӕй сахар ныггӕныстон кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый.


Ахимелехы фырт Авиафар Давидмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд Кеиламӕ ахаста ефод дӕр.


Саул ӕппӕт адӕммӕ дӕр хӕстмӕ фӕсидти, Кеиламӕ ныццӕуӕм ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕрхъула кӕнӕм, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ