4 Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».
Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».
Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».
Дунедарӕг уын канд уыцы хорз нӕ ракӕндзӕни, фӕлӕ ма уын уӕ къухтӕм ратдзӕни моавӕгты дӕр.
Давид Хуыцауы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ».
ӕмӕ-иу уӕд сымах уе ’мбӕхсӕн бынатӕй рахизут ӕмӕ сахармӕ бабырсут — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕй уӕ къухтӕм ратдзӕн.
Гедеон та загъта Хуыцауӕн: «Ма мӕм смӕсты у, ацы хъуыныл ма мын ноджы иу нысан равдис. Ныр та хъуын хусӕй баззайӕд, йӕ алыварс та ӕртӕх фӕзынӕд».
Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дон йе ’взагӕй чи сдӕрдта, уыцы ӕртӕсӕдӕ лӕджы хъаруйӕ уын мидианӕгты басӕттын кӕндзынӕн. Иннӕтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацӕуӕнт».
Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.
Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».
Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн».
Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Мах мӕнӕ Иудейы дӕр тарст куы стӕм, уӕд куыд хъуамӕ ацӕуӕм Кеиламӕ, филистимаг ӕфсады ныхмӕ?»
Давид йӕ адӕмимӕ Кеиламӕ ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыди, басаста сӕ ӕмӕ сын сӕ фос ратӕлӕт кодта. Афтӕмӕй Давид фервӕзын кодта Кеилайы цӕрджыты.
Дунедарӕджы фарста, фӕлӕ йын Уый нӕдӕр фыны, нӕдӕр уримы руаджы, нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй лӕвӕрдта дзуапп.
ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».