3 Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Мах мӕнӕ Иудейы дӕр тарст куы стӕм, уӕд куыд хъуамӕ ацӕуӕм Кеиламӕ, филистимаг ӕфсады ныхмӕ?»
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.
«Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ?
Давид базыдта, Саул йӕ агурӕг кӕй рацыд, уый. Уӕд Давид уыди Зифы ӕдзӕрӕг быдыры, Хорешы.
Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн».
Сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, ӕппӕт уыцы бынӕттӕ ӕмӕ-иу мӕм бӕлвырд хабаримӕ ӕрбаздӕхут. Уӕд ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ, ӕмӕ кӕд ацы зӕххыл ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр скъахдзынӕн».
Саул цыди хохӕн йӕ иу фахсыл, Давид ӕмӕ йӕ адӕм — хохӕн йӕ иннӕ фахсыл. Сӕхи хъардтой Саулӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕм Саул йӕ адӕмимӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта.
Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».