Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 22:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Куыд ничи мын фехъусын кодта, мӕ фырт ӕмӕ Йессейы фырт кӕрӕдзийӕ ӕрдхӕрдтӕ загътой, уый? Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ нӕ радзырдта, мӕ фырт мӕ цагъары мӕ ныхмӕ кӕй сардыдта, цӕмӕй мын абон знаггад кӕна».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 22:8
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сирийы паддзах бакатай кодта ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕм фӕдзырдта. Бафарста сӕ: «Нӕхиуӕттӕй исчи Израилы паддзахмӕ балыгъди?»


уӕд ын Хуыцау йӕ хъус байгом кӕны ӕмӕ йын Йӕ зондамынд фӕзӕгъы,


Давид Саулимӕ куы ныхас кодта, уӕд Ионатаны зӕрдӕмӕ фӕцыди, йӕхи удау ӕй бауарзта.


Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.


Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме ’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты».


Ионатан загъта Давидӕн: «Цу фарнимӕ. Дунедарӕджы номӕй ард кӕй бахордтам, уымӕн та Дунедарӕг ӕз ӕмӕ дӕуӕн, стӕй мӕ байзӕддаг ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ӕвдисӕн уӕд мыггагмӕ».


Уӕдӕ дӕ цагъарӕн уыцы хорзы бацу, уымӕн ӕмӕ дзы Дунедарӕджы раз ӕрдхорд загътай. Кӕд исты азымджын дӕн, уӕд та мӕ дӕхӕдӕг амар. Цӕмӕн ма мӕ хъӕуы дӕ фыдмӕ кӕнын?»


Саул ӕй бафарста: «Йессейы фыртимӕ мыл сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Ды йын дзул ӕмӕ кард радтай ӕмӕ йын цы кӕнгӕ у, уымӕй Хуыцауы бафарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа ӕмӕ мын абон знаггад кӕна».


Саул сын загъта: «Дунедарӕджы арфӕ уыл сӕмбӕлӕд — фӕтӕригъӕд мын кодтат.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ