Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 22:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Саул базыдта Давид ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ кой кодтой алы ран дӕр. Уӕд Саул уыди Гевӕйы, къуыбырыл бадти тамариск бӕласы бын. Йӕ арц уыди йӕ къухы, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмбырдӕй лӕууыдысты йӕ алыварс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 22:6
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.


Уый бадти Деворӕйы пальмӕйы бын, Рама ӕмӕ Вефилы ’хсӕн, Ефремы хӕхты. Израилӕгтӕ йӕм уырдӕм цыдысты, ӕмӕ сын уый сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста.


Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.


Дыккаг бон та Саулыл, йӕхи хӕдзары уыди, афтӕмӕй Хуыцауы ӕрвыст фыдмон тых кӕнын байдыдта, ӕмӕ Саул феррайау ис. Давид ӕй раздӕрау сабыр кодта йӕ цагъдӕй. Саулы къухы уыди арц,


Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта.


Уӕд ыл Саул йӕ арц бахста, амарон ӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ионатан бамбӕрста, Давиды амарыныл йӕ фыд цӕхгӕр кӕй ныллӕууыд, уый.


се стджытӕ та сын Иавешмӕ ӕввахс тамариск бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ