4 Ӕмӕ сӕ моаваг паддзахмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ уымӕ баззадысты, цалынмӕ Давид йӕ фидары цард, уӕдмӕ.
Дыккаг райсом, Давид йӕ уатӕй нӕма сыстад, афтӕ Дунедарӕг раргом ис Гад-пехуымпармӕ, Давиды зонынджынмӕ:
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз.
Бениамины ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕй Давиды фидармӕ ӕрцыдис иу къорд лӕджы.
Дунедарӕг раргом ис Гадмӕ, Давиды зонынджынмӕ:
Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.
Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.
Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.
Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
Уырдыгӕй Давид ацыди моаваг сахар Мицпамӕ ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта: «Мӕ мад ӕмӕ уал мӕ фыд сымахмӕ фӕуӕнт, цалынмӕ, Хуыцау мын цы сныв кодта, уый базонон, уӕдмӕ».
Пехуымпар Гад загъта Давидӕн: «Мауал бад ацы фидары, Иудӕйы зӕхмӕ ацу». Давид араст ис ӕмӕ Хереты хъӕдмӕ бацыди.