23 Баззай мемӕ, тӕрсгӕ ма кӕн. Уымӕн ӕмӕ, дӕу амарын кӕй зӕрды ис, мӕн амарын дӕр уый зӕрды ис. Фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ мӕнмӕ».
Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».
Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы.
Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».
Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.
Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.
Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.
Йесо сын афтӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сӕххӕст уа Йӕ ныхас: «Ды Мын кӕй радтай, уыдонӕй Ӕз никӕй фесӕфтон».
Загъта йын: «Ма тӕрс, нӕ дӕм баххӕсдзӕни мӕ фыд Саулы къух. Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ Израилӕн, ӕз та дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг уыдзынӕн. Уый мӕ фыд Саул дӕр зоны».