Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕрӕмбырд ӕм сты алы ӕфхӕрд, алы хӕсджын, алы зӕрдӕрыст адӕм, иу цыппарсӕдӕ лӕджы, ӕмӕ Давид сӕ раздзог сси.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 22:2
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.


Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Пехуымпарты устытӕй иу ӕрбацыди Елисеймӕ, уый куыдта ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ мой, дӕ цагъар, амарди. Хуыцауӕн кад кӕй кодта, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Ныр нӕм, ӕфстау кӕмӕй райста, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын хъуамӕ мӕ дыууӕ фырты дӕр байса, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕна».


Сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн бадарут махсымӕ, хъизӕмарӕй чи мӕлы, уымӕн сӕн бануазын кӕнут:


Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.


Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Йеффай йе ’фсымӕртӕй алыгъд ӕмӕ Товы бӕстӕйы ӕрцарди. Уым ыл алы дзӕгъӕлдзутӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ иумӕ адӕмы стыгътой.


Даны фӕдонтӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ хъӕлӕс дын куыннӕуал фехъусӕм, афтӕ! Нӕ адӕм ӕнӕуый дӕр мӕстджын сты. Сӕхи уыл куы ныццӕвой, уӕд дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр цагъды фӕуыдзысты».


Уырдыгӕй Давид ацыди моаваг сахар Мицпамӕ ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта: «Мӕ мад ӕмӕ уал мӕ фыд сымахмӕ фӕуӕнт, цалынмӕ, Хуыцау мын цы сныв кодта, уый базонон, уӕдмӕ».


Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, ныууагътой Кеила ӕмӕ цыдысты, сӕ къах сӕ кӕдӕм хаста, уырдӕм. Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Кеилайӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд йӕ фӕнд аивта стӕры ацӕуыны тыххӕй.


Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ кард йӕ астӕуыл бабӕттӕд». Ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ кард йӕ астӕуыл бабаста, Давид йӕхӕдӕг дӕр. Давиды фӕдыл ацыд иу-цыппарсӕдӕ лӕджы, дыууӕсӕдӕйӕ та асадӕны баззадысты.


Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ