12 ӕмӕ Саул загъта: «Байхъус-ма, Ахитувы фырт!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ паддзах».
Саул фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мӕм фӕдзырдта. Ӕз ын загътон: „Хъусын дӕм“.
Саулы фырты фырт, Ионатаны фырт Мефивошет бацыди Давидмӕ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудис. «Мефивошет!» — сдзырдта йӕм Давид. «Мӕнӕ ис дӕ цагъар», — дзуапп радта уый.
«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.
Уӕд паддзах арвыста сауджын Ахимелехмӕ, Ахитувы фыртмӕ, стӕй уымӕн йе ’ппӕт хӕстӕджытӕм, Новы сауджынтӕм. Уыдон иууылдӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты,
Саул ӕй бафарста: «Йессейы фыртимӕ мыл сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Ды йын дзул ӕмӕ кард радтай ӕмӕ йын цы кӕнгӕ у, уымӕй Хуыцауы бафарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа ӕмӕ мын абон знаггад кӕна».
Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?