7 Уыцы бон уым, Дунедарӕджы хӕдзары, уыди Саулы дӕлдӕртӕй иу, йӕ фыййӕутты хицау, едомаг, йӕ ном — Доег.
Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы цъай схуыдта Есек.
Шароны цы стурвос хызти, уыдонмӕ — шаройнаг Шитрай, дӕлвӕзты стурвосмӕ та — Адлайы фырт Шафат;
лыстӕг фосмӕ — агараг Йазиз. Адон се ’ппӕт дӕр уыдысты паддзах Давиды исбонмӕ цӕстдарджытӕ.
Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.
Ӕддагон ма бахӕрӕд кувинӕгтӕй: нӕдӕр сауджынӕн йӕ уазӕг, нӕдӕр йе ’ххуырст.
Фӕлӕ идӕдзӕй куы баззайа кӕнӕ йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ, цот ын нӕ рацыди, афтӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ цӕгатмӕ куы раздӕха, уӕд ын йӕ фыды хойрагӕй хӕрыны бар уыдзӕн. Ӕддагӕттӕй дзы мачи фӕхъӕстӕ уӕд.
Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ.
Дунедарӕджы раз сӕ ӕвӕрын хъӕуы алы сабаты дӕр, ӕдзухдӕр. Уый у мыггагмӕйы фӕдзӕхст израилӕгтӕн.
Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.
„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.
Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз.
Давид Ахимелехы бафарста: «Ам дӕм арц кӕнӕ кард нӕ разындзӕни? Мемӕ нӕдӕр мӕ кард райстон, нӕдӕр мӕ иннӕ хотыхтӕ, уымӕн ӕмӕ мын паддзахы фӕдзӕхст ӕвӕстиатӕй ӕххӕстгӕнгӕ уыд».
Ахимелех Дунедарӕджы бафарста, Давид куыд хъуамӕ бакӕна, уымӕй, ӕмӕ йын радта фӕндаггаг, стӕй филистимаг Голиафы кард».
Давид Авиафарӕн загъта: «Уыцы бон едомаг Доег уым уыд, ӕмӕ йӕ зонгӕ кодтон, Саулмӕ ӕнӕмӕнг дзырд кӕй бахӕсдзӕн, уый. Мӕн аххос у дӕ мыггаджы сӕфт.
Дзуапп ын радта едомаг Доег (уый уым Саулы иннӕ дӕлдӕртимӕ лӕууыд): «Ӕз федтон, Йессейы фырт Новы сахармӕ, Ахитувы фырт Ахимелехмӕ, куыд ӕрцыд, уый.