7 Ӕмӕ дын „хорз“, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕ цагъарӕн ницы тас у. Фӕлӕ иугӕр рамӕсты, уӕд ӕй зон: фыдвӕнд ис йӕ зӕрды.
Уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн.
Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой.
Уыцы фӕнд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй дыууадӕс лӕджы равзӕрстон, алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ иуы.
Уӕд ыл Саул йӕ арц бахста, амарон ӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ионатан бамбӕрста, Давиды амарыныл йӕ фыд цӕхгӕр кӕй ныллӕууыд, уый.
Ионатан загъта: «Тобӕ зӕгъ! Мӕ фыд дын фыдми бакӕнинаг у, уый бӕлвырд куы базонон, уӕд дын ӕй, ау, нӕ фехъусын кӕндзынӕн?»
Ныр ахъуыды кӕн, цы гӕнгӕ дын у, ууыл. Не ’лдар ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фыдбылыз кӕсы, фӕлӕ фыдӕбоны лӕг у, ӕмӕ йӕм дзурӕн нӕй».