Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 20:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Давид Ионатанӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ мын паддзахы фынгыл бадгӕ у. Фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал иннӕбон изӕрмӕ фӕссахар мӕ сӕр бафснайон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 20:5
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый йын загъта: «Ацы бон ӕм цӕмӕн цӕуыс? Мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат куы нӕу!» Уый йын дзуапп радта: «Хорз у алцыдӕр!»


мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?


Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут!


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Уӕ цины бонты, уӕ бӕрӕгбӕтты ӕмӕ уӕ алы мӕйноджы, сыкъауадындзтӕй уасут, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, ӕмӕ-иу уый фӕрцы Йӕ зӕрдыл ӕрлӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».


Уӕ мӕйноджы бӕрӕгбӕтты та-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн акусарт кӕнут дыууӕ ӕнӕсахъат уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты.


Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.


Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.


Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.


ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс.


Ионатан Давидӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ дӕ агурдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕ бынат афтид уыдзӕн.


Иннӕбон ноджы тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, уым кӕй нӕ дӕ, уый. Ацу ӕмӕ, дӕхи айразмӕ кӕм бамбӕхстай, уым, Азелы обауы цур, банхъӕлмӕ кӕс.


Давид фӕссахар йӕхи бааууон кодта. Ралӕууыди мӕйноджы бӕрӕгбон, ӕмӕ паддзах ӕрбадти фынгыл.


Мӕйноджы дыккаг бон дӕр Давиды бынат уыцы афтид уыди. Ӕмӕ Саул йӕ фырт Ионатаны бафарста: «Йессейы фырт знон дӕр ӕмӕ абон дӕр фынгмӕ цӕуылнӕ ӕрбацыд?»


Уӕд Ионатан Давидӕн афтӕ: «Цыдӕриддӕр зӕгъай, уый дын бакӕндзынӕн».


Дӕ фыд мӕ куы агура, уӕд-иу ын зӕгъ, Давид мын тынг балӕгъстӕ кодта, мӕ сахар Вифлееммӕ ныууайон, зӕгъгӕ. Уым, зӕгъ, йӕ мыггаг ӕрвылазы нывонд хӕссы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ