4 Уӕд Ионатан Давидӕн афтӕ: «Цыдӕриддӕр зӕгъай, уый дын бакӕндзынӕн».
Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».
Давид Ионатанӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ мын паддзахы фынгыл бадгӕ у. Фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал иннӕбон изӕрмӕ фӕссахар мӕ сӕр бафснайон.