Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 20:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давид алыгъди, Рамайы цур цы Найоты сахар ис, уырдыгӕй. Ионатанмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы ракодтон уагӕр? Цы аххос мӕм ис? Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн дӕ фыды раз, марынвӕнд мӕ цӕмӕн кӕны?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 20:1
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт! Хъӕрзын мӕ мастӕй, катайы бацыдтӕн,


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды


Давид куы алыгъд, уӕд ссыди Рамамӕ, Самуелмӕ, ӕмӕ йын, Саул ын цы митӕ бакодта, уый радзырдта. Уыйадыл Давид ӕмӕ Самуел сӕхи айстой Найотмӕ ӕмӕ уым цардысты.


Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме ’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты».


Ионатан бафарста йӕ фыды: «Цӕй тыххӕй йӕ хъӕуы марын? Цы ракодта?»


Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“.


Мӕ фыды хай! Ӕрбакӕс-ма мӕнӕ мӕ къухы дӕ пӕлӕзы фӕччимӕ. Маргӕ дӕ кӕй нӕ акодтон, фӕлӕ дын ӕрмӕст дӕ фӕччи кӕй ралыг кодтон, уӕд та дӕ уымӕй бауырнӕд, мӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй нӕй, уый. Дӕ цуры тӕригъӕдджын ницӕмӕй дӕн, ды та мӕн амарыны тыххӕй мӕ фӕдыл зилыс.


Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.


Ноджыдӕр ма загъта: «Мӕ паддзах йӕ цагъары фӕдыл цӕмӕн зилы? Цы ракодтон? Цӕмӕй дӕн аххосджын?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ