7 Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны.
Йегу сыстад йӕ бынатӕй ӕмӕ пехуымпаримӕ хӕдзармӕ бацыд. Уый йын йӕ сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сӕрдын дӕ ӕмӕ дӕ Израилӕн ӕвӕрын паддзахӕй.
Дӕуӕй цӕуынц бӕркад ӕмӕ цыт, Ды кӕныс ӕлдариуӕг алцӕмӕн. Дӕ къухы сты хъару ӕмӕ хъомыс, Дӕу бон у алкӕй дӕр сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ йын хъомыс раттын.
Езекиа тынг хъӕздыг ӕмӕ кадджын паддзах уыди. Уый сарӕзта хӕзнадӕттӕ йе ’взист ӕмӕ йӕ сызгъӕринӕн, хӕзнадуртӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, уартытӕ ӕмӕ алы зынаргъ дзаумайӕн.
Сарӕзта сахартӕ, самал кодта бирӕ лыстӕг фосы дзугтӕ ӕмӕ стурвосы рӕгъӕуттӕ. Утӕппӕт фӕллӕйттӕ йын уыдысты Хуыцауы лӕвар.
ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»
Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар, йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.
Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны, кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.
Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ фӕвӕййы, нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафиды.
О Йаковы Хуыцау, Ды сӕм бартхъирӕн кодтай, ӕмӕ бандзыг сты бӕхтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ.
Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?
Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.
«Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дӕ адӕм ӕлгъагыл банымайдзысты.
Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.