6 Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.
Дунедарӕг Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацыд, ӕмӕ райгас.
Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».
Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны, ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты, ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр Уый Йӕхӕдӕг у.
Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах, размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд, раст фӕндагыл мӕ сараз.
Ды зоныс, фидистӕ мын куыд кӕнынц, куыд мӕ ӕгад кӕнынц, аллайаг куыд фӕдӕн, уый! Мӕ фыдгултӕ иууылдӕр Дӕ разы сты.
Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.
марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн;
О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.
Уымӕ гӕсгӕ сын рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕм, Ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн, сисдзынӕн уӕ уырдыгӕй ӕмӕ уӕ Израилы зӕхмӕ ӕрбакӕндзынӕн.
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ райгас уыдзысты, цымӕ?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Дунедарӕг Хуыцау! Уый Ды зоныс ӕрмӕстдӕр».
Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.
Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!
дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.
Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».