Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:36
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон Авиафары ӕнӕхай фӕкодта йӕ сауджыны куыстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, кӕддӕр Дунедарӕг Силомы сахары Елиайы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый.


Ӕмӕ уым цы сауджынтӕ лӕггад кодтой, уыдонӕн сӕ бон уыди Йерусалимы сауджынтимӕ иумӕ донгонд дзултӕ хӕрын. Ӕцӕг, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы нывондхӕссӕн уыд, ууыл сын нывӕндтӕ хӕссыны бар нӕ уыди.


Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты хӕларзӕрдӕ адӕмы раз, ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.


Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади.


Ӕз та Мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджын, Мӕ фӕндон Мын чи ӕххӕст кӕна, ахӕм. Ӕз ын даргъ-уӕрӕх ауадздзынӕн йӕ хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕндзӕни Мӕ байсӕрст паддзахӕн.


Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ