34 Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.
Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».
Ды та дӕ хӕдзармӕ ацу. Ӕцӕг, куыддӕр сахармӕ бацӕуай, афтӕ дӕ саби амӕлдзӕн.
Сывӕллоны баййафдзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ, ӕмӕ Йӕ базондзыстут уыцы нысанӕй».
Ӕппӕт уыдӕттӕ дыл куы ’рцӕуа, уӕд-иу уавӕртӕм гӕсгӕ дарддӕр архай, уымӕн ӕмӕ дыл Хуыцау ауды.
Мӕ нывондхӕссӕнӕй нӕ фӕиртасдзынӕн дӕ байзӕддаджы — уым баззайдзысты, цӕмӕй дӕ цӕсты рухс батар уа мастӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕ рисса. Се ’ппӕт дӕр мӕлдзысты сӕ тӕккӕ лӕджы кары.
Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.
Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.
Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израилы ӕфсад лидзӕг фесты филистимӕгтӕй, фӕцагъды сты нӕ адӕм, дӕ дыууӕ фырты — Хофни ӕмӕ Пинхас — фӕмард сты, Хуыцауы Фидыды Чырын та знаджы къухмӕ бахауд».
Йӕ сабийы схуыдта Ихавод, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ.
Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».