31 Ӕрхӕстӕг кӕны, дӕ рахиз цонг — дӕ бинонты нуар дын цы бон атӕхын кӕндзынӕн, уый: дӕ цотӕй зӕронды кармӕ ничи фӕцӕрдзӕн!
Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.
Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.
Кувын ӕз: «Куы фӕцудон, мыййаг, уӕд мыл мӕ фыдгултӕ ма ферайӕнт, сӕрбӕрзондӕй мыл ма худӕнт».
Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.
Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе ’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый.
Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.
Филистимӕгтӕ ӕрлӕууыдысты израилӕгты ныхмӕ, ӕмӕ сын тох бацайдагъ. Израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты, тохы быдыры сӕ фӕмард цыппар мин лӕджы.