Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Елиамӕ ӕрцыди Хуыцауы ӕрвыст лӕг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлтӕн, далӕ ма Мысыры фараонӕн цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Мӕхи нӕ раргом кодтон, ӕви?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:27
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Соломон Авиафары ӕнӕхай фӕкодта йӕ сауджыны куыстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, кӕддӕр Дунедарӕг Силомы сахары Елиайы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый.


Мысыры ма куы уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон, уӕд сын Дунедарӕг загъта:


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны ӕгъдау. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн дзы аходын не ’мбӕлы.


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.


Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.


Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕгмӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы минӕвар мӕм ӕрбацыд! Уый уыди Хуыцауы зӕды ӕнгӕс, стыр тас мыл бафтыдта йӕ уындӕй! Кӕцӕй ӕрцыди, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, стӕй мын Йӕ ном дӕр не схъӕр кодта.


уӕд сӕм Уый пехуымпары рарвыста. Пехуымпар израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй,


Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.


Саул йе ’ххуырстимӕ ӕрзылдис Ефремы хӕхбӕстӕ ӕмӕ Шалишайы зӕххыл, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Шаалимы зӕххыл сӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ уым дӕр нӕ разындысты. Афтӕ — Бениамины зӕххыл дӕр, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.


Фӕлӕ йын ӕххуырст загъта: «Ацы сахары ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, тынг ӕй нымайынц, цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййы. Цӕй ӕмӕ уымӕ бацӕуӕм. Чи зоны, ӕмӕ нын бацамона, цавӕр фӕндагыл нын цӕугӕ у, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ