Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Нӕ, мӕ фырттӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ хорз не сты. Ӕз зонын, Дунедарӕджы адӕм сӕ дзыхӕй-дзыхмӕ кӕй исынц, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:24
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.


Уыцы карз ӕфхӕрд сыл ӕрцыдис, Йоровам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл хӕст кӕй уыди, Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтыл кӕй бафтыдта ӕмӕ уымӕй Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, кӕй смӕсты кодта, уый тыххӕй.


Фӕлӕ Йегу йӕ уды ӕппӕт хъарутӕ нӕ лӕвӕрдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уыйау Израилы адӕмы кодта тӕригъӕдты амӕттаг.


Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»


Фӕлӕ сымах уыцы фӕндагӕй азылдыстут, ӕмӕ бирӕты фӕрӕдийын кодтат, Ӕгъдауы домӕнтӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,


Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;


Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.


Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.


Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.


Ӕрыгон сауджынтӕ Дунедарӕджы раз цыдысты стыр тӕригъӕды, уымӕн ӕмӕ Йын афтӕмӕй Йӕ номыл хаст нывӕндтӕ ӕгад кодтой.


Елиа ӕрзӕронд ис. Йӕ хъустыл-иу ӕрцыди, йӕ фырттӕ Израилы адӕмӕн цы митӕ кодтой, уый, ноджы ма, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонимӕ-иу кӕй ӕрӕмуат сты, уый дӕр.


Ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ кӕнут? Уӕ худинаджы хабӕрттӕ уын ӕппӕт адӕмӕй дӕр куы хъусын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ