Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:21
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕркасти Саррӕмӕ; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый.


Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.


уӕд схайджын уыдзынӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ хӕрзаудӕнӕй.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.


Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.


Сылгоймагӕн фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самсон. Лӕппу рӕзыди Дунедарӕджы арфӕимӕ.


Ӕвзонг Самуел та куыд хъомыл кодта, афтӕ йыл тынгдӕр радысты Дунедарӕг ӕмӕ адӕм.


Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ